Что такое findslide.org?

FindSlide.org - это сайт презентаций, докладов, шаблонов в формате PowerPoint.


Для правообладателей

Обратная связь

Email: Нажмите что бы посмотреть 

Яндекс.Метрика

Презентация на тему Урок-презентация : Жизненный путь Алихана Токаева.

Æмдзæвгæ « Уалдзæг».Уалдзæг…. Ацы дзырдимæ баст сты царды æппæт хорздзинæдтæ: æрдзы райхъал, зæххы сулæфт, мады рæвдыд, фыццаг дидинæг, рог дымгæйы æхситт, уарзондзинад.Æмдзæвгæ «Уарзт æцæг у».Зарæг: «Уарзондзинадыл».
Темæ: Токаты Алихан.«Æрзади малусæг Дæргъæвсы». Æмдзæвгæ « Уалдзæг».Уалдзæг…. Ацы дзырдимæ баст сты царды æппæт хорздзинæдтæ: æрдзы райхъал, Фыццаг дидинæг малусæг. Уалдзæджы æрбалæуды æвдисæн, уалдзæджы фидиуæг.Адæмæн цин æмæ амонд хæссæг.Малусæг Токаты лæппуйы сфæлдыстадон фæндагмæ куы акæсæм, уæд нæ фидарæй уырны, Алихан ирон Алихан йæ хуыздæр уацмысты схызти бæрзонд аивадон цъуппытæм. Хæрз æрыгон уæвгæйæ иттæг Алиханæн ирон поэзийы дæр ис йæхи бæрзонд хох. Йæ сæрмæ æрттивы йæ Токаты Алихан райгуырди 1893 азы Ирыстоны рæсугъддæр кæмттæй иуы – Дæргъæвсгомы, мæгуыр Алихан фыссын райдыдта 1910 азы. Поэт райгуырд æмæ схъомыл хохаг ирон хъæуы Алихан хорз зыдта хохаг ирон хъæуы хъизæмайраг цард æмæ-иу йæ адæмы социалон Ацы æмдзæвгæты дзырд канд дидинджытыл нæ цæуы. Махæн нæ зæрдæ бакъуыры, фыццаджыдæр, Æмдзæвгæ «Малусæг» у автобиографион. Сси адæймаджы лæгдзинадыл зарæг. Фыст у йæхи цардыл. «Цыкурайы фæрдыг» у фыццаг сонет ирон литературæйы. У символикон хуызы фыст, æвдисы Дзуапп æрбаздæхти мæйы фæстæ. Уыцы рæстæджы Алихан ахуыр кодта Бакуйы денджызон скъолайы
Слайды презентации

Слайд 2 Æмдзæвгæ « Уалдзæг».
Уалдзæг…. Ацы дзырдимæ баст сты царды

Æмдзæвгæ « Уалдзæг».Уалдзæг…. Ацы дзырдимæ баст сты царды æппæт хорздзинæдтæ: æрдзы

æппæт хорздзинæдтæ: æрдзы райхъал, зæххы сулæфт, мады рæвдыд, фыццаг

дидинæг, рог дымгæйы æхситт, уарзондзинад.

Æмдзæвгæ «Уарзт æцæг у».
Зарæг: «Уарзондзинадыл».


Слайд 4 Фыццаг дидинæг малусæг. Уалдзæджы æрбалæуды æвдисæн, уалдзæджы фидиуæг.
Адæмæн

Фыццаг дидинæг малусæг. Уалдзæджы æрбалæуды æвдисæн, уалдзæджы фидиуæг.Адæмæн цин æмæ амонд

цин æмæ амонд хæссæг.
Малусæг уалдзæджы райдиан куыд у, афтæ

ирон литературёæы та ног царды малусæгыл нымад у Токаты Алихан.

Зарæг «Малусæг».

Слайд 6 Токаты лæппуйы сфæлдыстадон фæндагмæ куы акæсæм, уæд нæ

Токаты лæппуйы сфæлдыстадон фæндагмæ куы акæсæм, уæд нæ фидарæй уырны, Алихан

фидарæй уырны, Алихан ирон поэзийы адмирал кæй у, уый

– фыста поэт Дзуццаты Хадзы-Мурат.

Слайд 7 Алихан йæ хуыздæр уацмысты схызти бæрзонд аивадон цъуппытæм.

Алихан йæ хуыздæр уацмысты схызти бæрзонд аивадон цъуппытæм. Хæрз æрыгон уæвгæйæ

Хæрз æрыгон уæвгæйæ иттæг хорз сахуыр кодта æмæ йæ

зæрдæмæ арф айста дунеон поэзийы тæккæ номдзыддæр хæзнатæ. Литературæйы фыццаг къахдзæфтæ куы кодта, уæд æм æнæгуырысхойæ фæхæццæ фæйнæ-фæйнæхуызон рæстæджыты æмæ адæмты поэтты сфæлдыстадон уддзæф. Фыццаджы фыццаг йæ ахуыргæнджытæ уыдысты адæмон поэзи æмæ Хетæгкаты Къоста.

Слайд 8 Алиханæн ирон поэзийы дæр ис йæхи бæрзонд хох.

Алиханæн ирон поэзийы дæр ис йæхи бæрзонд хох. Йæ сæрмæ æрттивы

Йæ сæрмæ æрттивы йæ адмиралы стъалы. Йæ рухсмæ мæйы

бæлæгъы фæстæ ныххал вæййынц, адмирал разамынд кæмæн дæтты, уыцы науфæлгонцтæ.
Æрмæстдæр ахæм уды бæрзондæй федта Алихан Петраркæ, Данте æмæ Шекспиры сонетты фарн æмæ йæ æрхаста Иры дзыхъхъмæ – фыста Хъодзаты Æхсар.

Слайд 9 Токаты Алихан райгуырди 1893 азы Ирыстоны рæсугъддæр кæмттæй

Токаты Алихан райгуырди 1893 азы Ирыстоны рæсугъддæр кæмттæй иуы – Дæргъæвсгомы,

иуы – Дæргъæвсгомы, мæгуыр зæхкусæг бинонты æхсæн. Каст фёци

йæ райгуырæн хъæуы дины райдиан скъола.1913 азы йæ фыдыфсымæр Темырболаты æххуысæй бацыди Бакуйы денджызы съоламæ. Ам базонгæ сусæг куыстгæнæг революцион къордтимæ. Денджызон скъола кæронмæ каст нæ фёци, 1916 азы æрбаздæхтис Дæргъæвсмæ.
Иуцасдæр ацахуыр кодта Петербурджы нывкæнынады академийы. 1917 азы уалдзæджы афтыди Ригæмæ, куыста æфсæнвæндаджы.
Уыцы аз фæззæджы сыздæхт Ирыстонмæ, сси парти «Кермены» уæнг, кодта сусæг революцион куыст.


Слайд 12 Алихан фыссын райдыдта 1910 азы. Поэт райгуырд æмæ

Алихан фыссын райдыдта 1910 азы. Поэт райгуырд æмæ схъомыл хохаг ирон

схъомыл хохаг ирон хъæуы æмæ йæ поэзийæн фидар бындур

ис. Цы нывтæ, цы фæлгонцтæ аразы, уыдон хохаг адæмы цардæй гуырынц. Алихан хæрз сабийæ цы зынтæ бавзæрста, уыдон, æвæдза, куыд дæсны сныв кодта. Поэт бирæ уарзта йæ райгуырæн хæхбæстæ, фæлæ-иу æй кæдфæнды æрымысыдаид, фыццаг-иу йæ хъасты сæр уыд хохаг царды фыдвадат, стæй та иу уæд йæ уарзондзинады ныхас ракодта.
Йе мдзæвгæ «Хох! Мæ хох!-ы поэт фæнымадта хохаг тухитæ, адæймаджы туг сур кæмæй кодта, уыдон. Æрцыд иу хъуыдымæ: ам цæрæн нæй, адæм дзы тухийæ мæлынц.

Æмдзæвгæ «Хох! Мæ хох!».

Слайд 13 Алихан хорз зыдта хохаг ирон хъæуы хъизæмайраг цард

Алихан хорз зыдта хохаг ирон хъæуы хъизæмайраг цард æмæ-иу йæ адæмы

æмæ-иу йæ адæмы социалон хъысмæтыл куы катай кодта, уæд

йæ сагъæстæ хæххон хъæуы царды нывтæй æвдыста
Йе мдзæвгæтæ фылдæр хæхты маст, хохаг мæгуыр дзыллæйы мæтыл амад сты!

Æмдзæвгæ «Хохы цард».

Токаты Алихан дæсны уыд ахорæнтæй ныв кæнынмæ. Æрдзы нывæй поэт æвдыста адæмы зæрдæйы уаг, йе нкъарæнтæ, йæ бæллицтæ.
Уымæн æвдисæн æмдзæвгæтæ: «Уалдзæг», «Дидинджытæ», «Арвы цæф», «Хæхтё судзынц», «Цъити».

Æмдзæвгæтæ: «Фиалкæты баст»,
«Дидинджытæ».

Слайд 14 Ацы æмдзæвгæты дзырд канд дидинджытыл нæ цæуы. Махæн

Ацы æмдзæвгæты дзырд канд дидинджытыл нæ цæуы. Махæн нæ зæрдæ бакъуыры,

нæ зæрдæ бакъуыры, фыццаджыдæр, ахст лæджы маст, уый æнтъыснæгдзинад.

Цæй тыххæй бады ахæстоны, уый бæрæг нæу, фæлæ йæ ныхас «Давæг æз нæ уыдтæн» амоны, уыцы лæг цыдæр бæрзонд хъуыддаджы тыххæй кæй ис ахæстоны къуымы.
«Фиалкæйы баст» нæ зæрдæйы баззад сæрибармæ тырныны рæстæй æфхæрды фарс хæцыны символау.
Æрдзы ныв æмæ лæджы сагъæсты иудзинад бæлвырддæр зыны æмдзæвгæ «Малусæг»-ы.

Слайд 15 Æмдзæвгæ «Малусæг» у автобиографион. Сси адæймаджы лæгдзинадыл зарæг.

Æмдзæвгæ «Малусæг» у автобиографион. Сси адæймаджы лæгдзинадыл зарæг. Фыст у йæхи

Фыст у йæхи цардыл. Малусæг у поэт йæхæдæг. Равдыста

дзы. Деникины ныхмæ цы хæст цыди, уый. Уый хæцыд сæруæлдай мидхæсты советон царды сæрыл æмæ Рухс куы фæуæлахиз, уæд поэт йæхæдæг амард. Поэт ацы æмдзæвгæйы зæгъынмæ хъавы зындзинæдтæй, æфхæрдæй тæрсын нæ хъæуы, сæ ныхмæ хъазуатæй бацу æмæ акæн фæндаг Рухсмæ, стæй уадз æмæ дæ мæлæт æрцæуæд, малусæг уалдзджы куыд амæлы, афтæ.

Ирон поэзийы историйы фæзынд æмдзæвгæйы ног хуыз сонет. Уый йæхæдæг фæзындис 13-14 æнусы Италийы. У уыдоны дзырд. Сонеттё фыстой Данте, Петраркæ, Английы та – Шекспир. Ирон поэзийы фæзындис фыццаг хатт 20-æм æнусы Токаты Алиханы руаджы. Сонет конд у 14 строфайæ.

Æмдзæвгæ-сонет «Цыкурайы фæрдыг».

Слайд 16 «Цыкурайы фæрдыг» у фыццаг сонет ирон литературæйы. У

«Цыкурайы фæрдыг» у фыццаг сонет ирон литературæйы. У символикон хуызы фыст,

символикон хуызы фыст, æвдисы дзы йæ рæсугъд бæллицтæ. Цыкурайы

фæрдыг у лæджы идеал, цæрæнбонты бæллиц, фæлтæрты зонд æмæ зæрдæйы рухс. Уый у зæрдæйы амонд. Калмы дзыхæй, ома, æрдзы æмæ æхсæнады сау тыхты дзæмбытæй Рухс ратонын, зæххыл æмæ адæмы зæрдæйы байтауын – ахæм у лæджы нысан. Уый къухы æнцонтæй не фты, фæлæ йæм хъуамæ тырна алчидæр. Хъуамæ тохы монц макуы бамынæг уа зæрдæйы.

Алихан уыдис драматург дæр. 1913 азы фыст фæци йæ пьесæ «Урс сынтытæ». Арвыстой йæ Калакмæ, цæмæй йын бар лæвæрд æрцæуа сценæйы равдисынмæ.

Слайд 17 Дзуапп æрбаздæхти мæйы фæстæ. Уыцы рæстæджы Алихан ахуыр

Дзуапп æрбаздæхти мæйы фæстæ. Уыцы рæстæджы Алихан ахуыр кодта Бакуйы денджызон

кодта Бакуйы денджызон скъолайы æмæ уым ирон драмон къорды

уæнгтæ бавнæлдтой пьесæ сценæйы равдисынмæ.
Алихан йæ пьесæйы æрæвæрдта бирæ ахсджиаг проблемæтæ:
Сылгоймаджы фыдæлтыккон æгъдæутты хъадамантæй суæгъд кæныны фарста.
Хурмæ рахæссын кæрæф æмæ мæрддзæст ныййарджыты, кæцытё æхца æмæ мулчы фæдыл уæй кæнынц сæ чызджыты, алцæмæ дæр кæсынц æхцайы гуыбыны цæстæй. Хъæубæсты ныхасы сæ сæйраг койаг вæййынц хист кæнæ чындзæхсæв, æргæвст дзы цытæ уыдзæн, кусæрттæгтæ сфаг уыдзысты æви нæ.
19- æнусы кæро н ирон адæм бирæгæйттæй ивылдыс ты Уæрæсемæ зонды фæдыл нæ – æхцайы фæдыл. Драматург карз тæрхон хæссы, адæймаджы ном чи худинаг кæны, гуыбыны хардзыл йæ фыдæлты зæхх, йæ адæмы взаг чи уæй кæны, уыдоны ныхмæ.

Кæронбæттæны равдисын скъуыддзаг пьесæ «Урс сынтытæ»-йæ.


  • Имя файла: urok-prezentatsiya-zhiznennyy-put-alihana-tokaeva.pptx
  • Количество просмотров: 87
  • Количество скачиваний: 0