Что такое findslide.org?

FindSlide.org - это сайт презентаций, докладов, шаблонов в формате PowerPoint.


Для правообладателей

Обратная связь

Email: Нажмите что бы посмотреть 

Яндекс.Метрика

Презентация на тему Жизнь и творчество осетинского писателя Созрико Кулаева

Хъуылаты Созырыхъо райгуырд 1900 азы Хуссар Ирыстоны Згъуыбиры.Йæ сабийы бонтæ арвыста йæ райгуырæн хъæуы. 1909 азы амард йæ фыд Садуллæ, æмæ лæппуйы йæ фыдыфсымæр Алыксандр Цхинвалмæ акодта. 1909 азы Созырыхъо бацыд Гуры гимназмæ.Гимназы ахуыргæнгæйæ лæппу æмбарын
Хъуылаты Созырыхъо райгуырд 1900 азы Хуссар Ирыстоны Згъуыбиры.Йæ сабийы бонтæ арвыста йæ Цард ивта. Ралæууыд 1917 аз. Созырыхъо хъазуатонæй архайдта адæмы революцион змæлды, ирон 1928 азы сыздæхт Ирыстонмæ. Куыста журнал «Фидиуæджы» редакторæй. Архайдта мыхуыр æмæ культурæйы Созырыхъойы сфæлдыстадон куыст райдыдта поэтикон фæлварæнтæй. Бирæ не сты Созырыхъойы æмдзæвгæтæ. Сæ Созырыхъо уыд мидхæсты архайæг. Федта стыр социалон æнкъуыстытæ, тох æмæ йæ фæстиуджытæ. «СОЗЫРЫХЪО уыдис ирон новеллистикÆйы  дÆсныдÆр сфÆлдисджытÆй. йÆ радзырдтÆ ÆмÆ «ИРОН ЛИТЕРАТУРÆЙЫ СОЗЫРЫХЪОЙЫ СФÆЛДЫСТАД БÆРÆГÆЙ ЗЫНЫ ЦАРДЫ АХСДЖИАГДÆР ФÆРСТЫТÆ «ТАУРÆГЪТЫ БÆСТÆ РÆДАУ У КУРДИАТЫЛ. УЫДОНМÆ ХЪУЫСТА ФИДÆНЫ ФЫССÆГ ЗÆРДИАГÆЙ. «СГУЫХТЫД ДИС КÆНЫН, ТОХЫ РОМАНТИКÆ УАРЗЫН, ЛÆГДЗИНАД ПОЭТИЗАЦИ КÆНЫН, НАМЫС АДÆЙМАГÆН КАД
Слайды презентации

Слайд 2 Хъуылаты Созырыхъо райгуырд 1900 азы Хуссар Ирыстоны Згъуыбиры.Йæ

Хъуылаты Созырыхъо райгуырд 1900 азы Хуссар Ирыстоны Згъуыбиры.Йæ сабийы бонтæ арвыста

сабийы бонтæ арвыста йæ райгуырæн хъæуы. 1909 азы амард

йæ фыд Садуллæ, æмæ лæппуйы йæ фыдыфсымæр Алыксандр Цхинвалмæ акодта. 1909 азы Созырыхъо бацыд Гуры гимназмæ.Гимназы ахуыргæнгæйæ лæппу æмбарын байдыдта мæгуыр адæмы уавæр æмæ йæ хъус дарын байдыдта революцион змæлдмæ.

Слайд 3 Цард ивта. Ралæууыд 1917 аз. Созырыхъо хъазуатонæй архайдта

Цард ивта. Ралæууыд 1917 аз. Созырыхъо хъазуатонæй архайдта адæмы революцион змæлды,

адæмы революцион змæлды, ирон фæсивды разæнгард кодта тохмæ. 
1920 аз

Хуссар Ирыстонæн сси тугуарæн аз, арт ыл бафтыдтой Гуырдзыстоны нацисттæ. Цхинвалы йæхи кæрты æвирхъауæй фæмард Созырыхъойы мад Натъа йæ хæрæфыртимæ, фæмард сæ дарæг, Созырыхъойы фыды æфсымæр Алыксандр. УЫцы цаутæ фæстæдæр фыссæг равдыста йæ уацмыс «Тугæй æлхæд»-ы. 1921 азы Созырыхъо сыздæхт уæлахиздзаутимæ Бургъустаны хæстæй. Уæд райдыдта йæ царды ног фæлтæр. 
Созырыхъо 20–30-æм азты иудадзыг уыд æхсæнадон куыстæн йæ тæмæны. 1921-1923 азты куыста Хуссар Ирыстоны фæскомцæдисы разамонæгæй. 1923-1928 азты ахуыр кодта Мæскуыйы Тимирязевы номыл хъæууонхæдзарадон академийы. Райста экономисты дæсныйад, фæлæ фæстæдæр йæхæдæг фыста, зæгъгæ йæ зæрдæ фылдæр æхсайдта фыссыны ‘рдæм, литературæмæ. 

Слайд 4 1928 азы сыздæхт Ирыстонмæ. Куыста журнал «Фидиуæджы» редакторæй.

1928 азы сыздæхт Ирыстонмæ. Куыста журнал «Фидиуæджы» редакторæй. Архайдта мыхуыр æмæ

Архайдта мыхуыр æмæ культурæйы рæзтыл. 1930 азы октябры Цхинвалы

уыдис дыууæ Ирыстоны фысджыты æрцыд (съезд). Сæйраг докладгæнæг уыд Созырыхъо. 1931 азы йæ Калачы куысты сæвæрдтой Гуырдзыстоны Компартийы ЦК-йы аппараты. 1935 азы йæ скодтой Хуссар Ирыстоны рухсады адæмон комиссар. Уыцы бынаты фæкуыста 1937 азмæ, йæ царды трагикон кæронмæ. 

Слайд 5 Созырыхъойы сфæлдыстадон куыст райдыдта поэтикон фæлварæнтæй. Бирæ не

Созырыхъойы сфæлдыстадон куыст райдыдта поэтикон фæлварæнтæй. Бирæ не сты Созырыхъойы æмдзæвгæтæ.

сты Созырыхъойы æмдзæвгæтæ. Сæ мидис у хуымæтæг, ис сын

иу сæйраг темæ – сæрибар уарзын. Ацы темæйæн йæ иннæ фарс у цагъардзинадыл хъоды кæнын («Ахæсты катай», «Баст цæргæс», «Æхсæв», «Гаджидау», «Тох æмæ фæллой»).  
Созырыхъо эпикæйы цы сфæлдыста, уый бæрæг нæу (37-æм аз куынæг кодта йæ амæттæгты фæллой). Йæ номыл баззад дыууæ кадæджы: «Тотырадзы зарæг» æмæ «Таймуразы зарæг». 

Созырыхъойы сфæлдыстадон тых ирддæрæй зыны йæ прозæйы. Созырыхъо Йæ радзырдтæ сты ирон новеллæйы бæрзонддæр æнтыстытæй. Йæ радзырдтæ мыхуыры цæуын райдыдтой 1927 азы. 1928 азы Цхинвалы рацыд йæ новеллæты æмбырдгонд «Таурæгътæ». Уыдыис дзы «Фыййауы катай», «Хохаджы хъæстытæ», «Номылус», «Æртындæсæй иумæ», «Иудзонгон», «Муссæйы скъола» æмæ «Ног фæндаг».1931 азы Дзæуджыхъæуы фыссæгæн рацыд ног æмбырдгонд «Уацмыстæ. 2-аг чиныг» («Æфсæн уæйыг», «Дзуддаг Осуахъ», «Мæрдты бирæгъ», «Музейы», мысинæгтæ «Тугæй æлхæд», пьесæ «Хъæу фенкъуыст», кадæг «Тотырадзы зарæг»). Уыдон сты йæ зындгонд уацмыстæ. Йæ фæстаг æхсæз азы цы фыста, уыдонæй ницы разынд, æвæццæгæн, сæфт æрцыдысты 1937 азы. 


Слайд 6 Созырыхъо уыд мидхæсты архайæг. Федта стыр социалон æнкъуыстытæ,

Созырыхъо уыд мидхæсты архайæг. Федта стыр социалон æнкъуыстытæ, тох æмæ йæ

тох æмæ йæ фæстиуджытæ. Бавзæрста сæ йæхи удыл. Уыйадыл

йе сфæлдыстады зынгæ бынат ахсынц мидхæсты цаутæ, тохы нывтæ æмæ трагикон хъысмæттæ. Уыдон æвдыст цæуынц бæрзонд аивады рауджы, реализмы фæрæзтæй («Тугæй æлхæд», «Æртындæсæй иумæ», «Музейы», «Иудзонгон»). 
Созырыхъойы сфæлдыстады зынгæ бынат ахсынц советон царды æууæлтæ. Фыссæг лæмбынæг каст цардмæ, адæмы уагмæ, лыстæг сын æвзæрста сæ ивæнтæ, сæ рæзты здæхæнтæ («Муссæйы скъола», «Ног фæндаг», «Æфсæн уæйыг», «Дзуддаг Ошуахъ»). 
Хъæздыг у Хъуылайы фыртæн йæ аивадон æрмадз: ис дзы фаг ахорæнтæ æрхуым æмæ хъæлдзæг нывтæ æвдисынæн. Фыссæджы курдиат ифтонг у сатирæ æмæ юморы фæрæзтæй («Мæрдтыбирæгъ», «Дыууæ къæрныхы»). 
Созырыхъо ирон прозæйы уыди раздзæуæг, фæндагысгарæг, йæ радзырдтæ уыдысты фыццаг фæлварæнтæ ног цард æвдисынæн, хуымæтæджы йæ нæ хонынц «ирон советон литературæйы бындурæвæрджытæй иу» (Суменаты З.Н.) Йе сфæлдыстад æмткæй у ирон прозæйы зынгæ æнтыст, и сын ахъаззаг идейон æмæ аивадон ахадындзинад. 

Слайд 7 «СОЗЫРЫХЪО уыдис ирон новеллистикÆйы дÆсныдÆр

«СОЗЫРЫХЪО уыдис ирон новеллистикÆйы дÆсныдÆр сфÆлдисджытÆй. йÆ радзырдтÆ ÆмÆ уацаутÆ

сфÆлдисджытÆй. йÆ радзырдтÆ ÆмÆ уацаутÆ ирон поэзийы ахсынц цытджын

бынат». Джусойты нафи

Слайд 8
«ИРОН ЛИТЕРАТУРÆЙЫ СОЗЫРЫХЪОЙЫ СФÆЛДЫСТАД БÆРÆГÆЙ

«ИРОН ЛИТЕРАТУРÆЙЫ СОЗЫРЫХЪОЙЫ СФÆЛДЫСТАД БÆРÆГÆЙ ЗЫНЫ ЦАРДЫ АХСДЖИАГДÆР ФÆРСТЫТÆ

ЗЫНЫ ЦАРДЫ АХСДЖИАГДÆР ФÆРСТЫТÆ ÆМÆ ПРОБЛЕМÆТÆ ЛЫГ КÆНЫНÆЙ, АКТУАЛОНДÆР

ТЕМÆТÆ ÆВÆРЫН ÆМÆ ÆВДИСЫНÆЙ».

ГАФЕЗ.

Слайд 9
«ТАУРÆГЪТЫ БÆСТÆ РÆДАУ У КУРДИАТЫЛ. УЫДОНМÆ

«ТАУРÆГЪТЫ БÆСТÆ РÆДАУ У КУРДИАТЫЛ. УЫДОНМÆ ХЪУЫСТА ФИДÆНЫ ФЫССÆГ ЗÆРДИАГÆЙ.

ХЪУЫСТА ФИДÆНЫ ФЫССÆГ ЗÆРДИАГÆЙ. УЫДОН УЫДЫСТЫ ЙÆ ФЫЦЦАГ ЗОНДАМОНÆГ,

СÆ ТАУРÆГЪТÆЙ БАЗЫДТА АИВ ДЗЫРДЫ АД».

ДЖЫККАЙТЫ ШАМИЛ.

  • Имя файла: zhizn-i-tvorchestvo-osetinskogo-pisatelya-sozriko-kulaeva.pptx
  • Количество просмотров: 119
  • Количество скачиваний: 1